Хуссар Иры парламент сразы сты УФ Совфеды бадзырдимæ

© Sputnik / Алексей КовалевХуссар Ирыстоны парламент сразы сты УФ Совфеды бадзырдимæ
Хуссар Ирыстоны парламент сразы сты УФ Совфеды бадзырдимæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 мая – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ иумæйагæй схъæлæс кодтой Уæрæсейы Федерацийы Советы фидиуæн Украинæйы уырнон цæрджыты бартæ хæлд кæй цæуынц, уый фæдыл.
Совфеды фидиуæн ист æрцыдис марты кæрон. Сенатортæ æрсидтысты фæсарæйнаг паддзахадты парламенттæм, æхсæнадоон парламентон организацитæм, цæмæй принипиалон позицийыл слæууой æмæ Киевæй æрдомой, цæмæй Украинæ æрбаздæха æхсæнадæмн хæстæ æххæст кæнынмæ.
"Украинæйы хицауады ахæм политикæ гуырымыхъхъæй халы алы адæймаджы хъуыды кæныны, намыс æмæ религийы сæрибардзинады бар дæр, кæцытæм гаранти дæтты Иугонд Нациты Организацийы бындурон æхсæнадæмон документ", - дзырдæуы фидиуæны
Совфеды фидиуæныл хуссарирыстойнаг парламенты æрныхас кодтой æмæ йыл сразы сты иумæйагæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0