Хуссар Иры столицӕйы кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны Сырх дзуары арӕзтад

© Sputnik / Natalia AiriyanЦерковь в честь Святого Георгия (Сырх Дзуар)
Церковь в честь Святого Георгия (Сырх Дзуар) - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгатварс уӕвӕг Сырх дзуары арӕзтад кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны, динамонджытӕ фӕнд кӕнынц уым фыццаг службӕ ауадзын ацы аз. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта Алайнаг епархийы динамонӕг, фыд Симон (Гаглойты).
Кувӕндон куы ныппырх ис, уӕдӕй фӕстӕ цалдӕр хатт бафӕлвӕрдтой йӕ сӕндидзӕн кӕнын, фӕлӕ фӕстиуӕгджын разынд ӕрмӕст Алайнаг епархийы хъӕппӕрис.
"Ныридӕгӕн фӕсарӕнтӕй арӕзтадон ӕрмӕджыты ласынимӕ ис проблемӕтӕ. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм агъуындӕн дурмӕ (черепица)", - загъта динамонӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз фӕнд кӕнынц кувӕндоны ауадзын фыццаг службӕ. Мидӕггагон куыстыты фӕстӕ ӕрцӕудзӕн ӕддагон амады рад.
"Фӕнды нӕ ӕддейӕ самайын йӕхи дурӕй. Специалисттӕ йӕ федтой ӕмӕ саргъ кодтой, дыууӕ ӕртӕ азы кӕй бахъӕудзӕн кусын", - банысан кодта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0