00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
08:30
3 Мин
Главвные темы
09:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
3 Мин
Главыне темы
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
09:37
18 Мин
Утро на Спутнике
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
Новости
17:30
3 Мин
В центре событий
Горжусь тем, что родился на этой земле: Вадиму Цховребову - 60
17:33
27 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3
Коцойты Арсен. Уацмыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2023
Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 7 ХАЙ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 7 ХАЙ
Рафыссын
Иу къорд бонты фæстæ Джанаспи балæууыди станы, загъта:
— Фæдзæбæхдæр дæн æмæ кусын байдайон, хъуамæ мæ фæллойбонтæ фæфылдæр уой. — Фæкуыста иу-дæс боны бæрц, афтæ та иу бон, тæккæ кусгæ-кусыны, æрхаудта æмæ уæлæмæ нал стади. Ацы хатт иудадзыг ауагъта йæхи. Колхозонтæ сихор хæрынмæ куы цыдысты станмæ, уæд Джанаспийы дæр кодтой семæ, æмæ та-иу уайтагъд æрхаудта. Ацы хатт Тезиаты Ислам дæр гуырысхо нал кодта Джанаспийы низыл, æцæг ыл ис, æвæццæгæн, загъта хинымæры, къæхты низ — куы вæййы ахæм дæр. Бацыди йæм æмæ йæ дæлармы йæ къух акодта, дзуры йæм:
— Гъе, мæ сыхаг, æгæр ма æруадз дæхи, цом чысылгай æмæ исты бахæр, кæд дын фенцондæр уаид.
Иннæрдыгæй бацыди Тотырбег æмæ йæ дыууæйæ хæссæгау кодтой.
— Чысыл дæ къæхтыл æнцай, Джанаспи, — дзуры йæм Тотырбег. — Афтæ æнцон хæссæн нæ дæ.
— Тæрсгæ ма кæн, Джанаспи, — сдзырдта иувæрсты цæуджытæй чидæр. — Фæдзæбæх уыдзынæ æмæ та кусдзыстæм иумæ.
Бахæццæ кодтой Джанаспийы станы размæ.
— Мидæмæ мæ ма кæнут. Ам мæ æруадзут мæнæ бæласы аууон. Гъе... уæ цæрæнбонтæ бирæ уæнт... Цæут сымах хæрæндонмæ, уæ сихор ахицæн кæнут.
Ног хабӕртты лентӕ
0