Гӕдиаты Секъа. Хъуды Цыппу

Гӕдиаты Секъа. Хъуды Цыппу
Рафыссын
Кавказы хохы сынӕджы хуссарварс, Арагуийы доны сӕр Хъуды ком хуыссы, цыма йӕ зӕххыхъӕд хицӕнӕй фидары тыххӕй скодта: бӕрзонд къӕдзӕх хӕхтӕ, зынбацӕуӕн лӕгӕттӕ, нарӕг бахизӕн кӕмттӕ – фидар цӕстӕнгас дӕтты.
Раст Арагуийы доны сӕр царди Хъуды Цыппу. Гуырдзыстон Уырысимӕ баиу кӕныны фӕстӕ, адӕм куы ӕрсабыр сты, куы ӕрӕнцадысты, уӕд Калачы сӕудӕджертӕ Макарӕй фос ласын райдыдтой Арвы комы фӕндагыл. Фӕндаг Дзӕуджыхъӕуӕй Калакмӕ ӕртӕ дихӕй уӕрст уыди. Дзӕуджыхъӕуӕй чырӕ Къобы онг быдыры ирон адӕмы ластой, Къобӕй Косетмӕ та хохы адӕм, Косетӕй Калакмӕ – Гуырдзыстоны адӕм.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0