Цхинвалы 9 маймæ ацæудзæн акци "Уæлахизы рудзгуытæ"

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы 9 маймæ ацæудзæн акци "Окна Победы"
Цхинвалы 9 маймæ ацæудзæн акци Окна Победы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik. Стыр Уæлахизы бæрæгбон нысан кæныны цытæн горæт Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъолайы къухдариуæгады нывæсты ис ауадзын бирæ мадзæлттæ. Сæ иу – акци "Уæлахизы рудзгуытæ". Уый тыххæй Sputnik радзырдта ахуырадон уагдоны директор Ольга Михаилиди.

"Фæлтæрæй фæлтæрмæ адæттын зæрдылдарынæн махæн у æнæмæнг. Ацы аз мах аскъуыдздзаг кодтам райсын хайад акци "Уæлахизы рудзгуытæ"-йы, ома, рудзгуытыл бандадздзыстæм нывтæ Уæлахизы цытæн. Махæн нæ нывæсты ис сывæллæтæн хайад райсын кæнын куыд фылдæрæй. Сæ нывтæ сын уындзысты æрмæст ахуыргæнджытæ æмæ скъолайы кусджытæ нæ, фæлæ ма ауылты чи цæуа, уыдон се ᾿ппæт дæр", – загъта уый.

"Уæлахизы рудзгуытæ" у патриотикон акци, æххæст æй кæнынц Уæлахизы бæрæгбоны 78 азы цытæн. Йæ нысан у Стыр Фыдыбæстæйон Хæсты хъайтартæн бузныг зæгъын, æмæ кад скæнын фæхъæугæ ветеранты номæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0