Уæрæсейы цалдæр хатт фæфылдæр кодтой БМП-3 рауагъдад

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæБМП-3
БМП-3 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 май – Sputnik. "Ростех"-ы куыстуæттæй иу "Курганмашзавод" фæфылдæр кодта пехотæйы хæстон хæдтулгæтæ БМП-3 рауагъдад, афтæ ма цалцæггæнæн гуырахст дæр, фехъусын кодта цыппæрæмы РИА Новости "Ростех"-ыл æнцойгæнгæйæ.
"Курганмашзавод" рауагъта БМП-3 ног парти паддзахадон заказы æххæст кæныны фæлгæтты. Ацы азы фыццаг кварталмæ куыстуат рауагъта 2019 азмæ цас рауагъта, уый бæрц хæстон хæдтулгæйы. Афтæ ма бирæ хатт фæфылдæр "Курганмашзавод"-ы волгоградаг фæзуаты гуырахст, кæцы цалцæг кæны десантон техникæ БМД-2 æмæ БТР-Д", - дзырдæуы хъусинаджы.
Æввахс рæстæджы рауадздзысты сцалцæггонд хæстон хæдтулгæтæ уæрæсейаг æфсадæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0