Хуссар Иры столицæйы ацыд Уæлахизы бонæн нывонд концерт

© Photo : Пресс-служба администрации ЦхинвалаХуссар Иры столицæйы ацыд Уæлахизы бонæн нывонд концерт
Хуссар Иры столицæйы ацыд Уæлахизы бонæн нывонд концерт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Киноконцертон зал "Чермен"-ы ацыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 78-æм афæдзы бонæн нывонд концерт. Мадзал бацæттæ кодта Цхинвалы администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты дæлхайад.
Концерты Хайад райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт æмæ адæмон артисттæ – Харебаты Вадим, Дауырты Эдуард, Гуыцмæзты Георгий, Хæдыкъаты Алла æмæ Тасойты Игорь.
Афтæ ма мадзалы ралæууыдысты вокалон къорд "Булæмæргъ", столицæйы дæлбар хореографион ансамбль "Ирон" æмæ фæндзæм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Гулиты Мурат.
Мадзалы кæрон концерты хайадисджытæ сæххæст кодтой зарæг "День Победы".
Ног хабӕртты лентӕ
0