Хуссарирыстойнаг спортсментæ ссисты турнир Iron Fight Time призертæ

© Sputnik / Антон ПодгайкоХуссарирыстойнаг хæццæ лæгæй-лæгмæ хæстæй тохгæнджытæ ссисты турнир Iron Fight Time призертæ
Хуссарирыстойнаг хæццæ лæгæй-лæгмæ хæстæй тохгæнджытæ ссисты турнир Iron Fight Time призертæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. ММА хуссарирыстойнаг тохгæнджытæ æнтысджынæй ралæууыдысты æмхæццæ æмтохæдты Гом турниры Iron Fight Time, кæцы ацыд Цæгат Ирыстоны 3-4 майы. Куыд радзырдта Sputnik спортсменты тренер Уалыты Вахтанг,афтæмæй йæ дæлбаруæвджытæ райстой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майданы.

"Нæ спортсментæ Дзабиты Марат æмæ Букуылты Владимир райстой сыгъзæрин майдантæ, Карсанты Лана рамбылдта æвзист", - загъта тренер.

Уалыты Вахтанджы ныхæстæм гæсгæ, турниры ма хайад райстой тренертæ Хъуылымбегты Мамед, Лолойты Артур, Хасситы Зелим æмæ Дзабиты Артемы хъомылгæнинæгтæ.
Æмхæццæ æмтохæдты Гом турнир Iron Fight Time ма сыгъзæрин майдантæ райстой Пæрæстаты Михаил, Чеботарев Алексей, Сычева Александра, Æлборты Юрий, Сагкаты Аслан, Хаситы Зелим, Къæбулты Сослан æмæ Хъуылымбегты Аслан.
Æвзист хорзæхтæ райстой – Сидамонты Алексей, Хъæцмæзты Сергей, Пæррæстаты Александр, Дзæгъиаты Аслан, Уалыты Сослан æмæ Бестауты Барсæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0