Цавæр гæххæттытæ хъуамæ дара йæхимæ Хуссар Иры хæдтулгæйы шофыр

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОЦавæр гæххæттытæ хъуамæ дара йæхимæ Хуссар Ирыстоны хæдтулгæйы скъæрæг
Цавæр гæххæттытæ хъуамæ дара йæхимæ Хуссар Ирыстоны хæдтулгæйы скъæрæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 мая – Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ фехъусын кодтой, цахæм гæххæттытæ хъуамæ уа хæдтулгæйы шофырмæ, цæмæй сæ ПАИ кусæгæн æрбавдиса басгæрсты рæстæджы.
Скъæрæджы бæрæггæнæн гæххæтт, кæнæ æмбæлон категори, æви дæлкатегорийы рæстæгмæ барлæвæрд транспортон мадзалæй пайда кæнынæн
Регистрацион документтæ транспортон мадзалæн, прицеп куы уа, уæд уымæн дæр
Сфидаргонд цауты – таксийæ пассажиртæ æмæ уæз аласыны тыххæй барлæвæрд, фæндагон сыф, лицензион картæ æмæ уаргъы гæххæтт, стыр æмæ тæссаг уаргъ ласынæн – уæргътæ аласынæн æмбæлон документтæ
транспортон мадзалы хицауы бæрны æмбæстаджы бахъахъхъæныны æнæмæнгæй хъахъхъæнæн полис, Хуссар Ирыстоны закъонæй фидаргонд куы уа, уæд.
МХМ бафæдзæхстой, хæдтулгæйы скъæрæг инспекторæн уæлдæр ранымайгæ документтæ куы нæ æрбавдиса, уæд иваргонд æрцæудзæн. Уагдоны бахахх кодтой, испектортæн бар кæй ис транспортон мадзалæй скъæрын æмæ йын хицау уын, уыцы документтæ æрдомын.
Ног хабӕртты лентӕ
0