Гæдиаты Секъа. Лæг æви сырд. Зæрватыкк

Гæдиаты Секъа. Лæг æви сырд. Зæрватыкк
Рафыссын
Уалдзыгон рæсугъд бон, хур арвы астæу тыбар-тыбур кодта, æмæ йæ хъарм тынтæ зæххыл аппæрста. Алы цæрæг удгоймаджы, мадау, рæвдыдта. Цъæх сгæлладау зæлдаджы хуызæн кæрдæг ирдгæ фæйлыдта. Зымты æхситт уасын айнæгæй айнæгмæ сау кæмтты хаста. Гæзæмæ дымгæ фаг улæфыд æмæ йын бæлæстæ хъырныдтой. Æврагъы дæргъдзинады мæргъты зарæг æнцад æнкъуыста. Цард алы къуыбырæй йæ мидбылты худт. Иудзырдæй, бæстæ бæрæгбон кодта.
Урс фосы дзугæн сæгъты къорд сæ разæй – Фидæртты хохыл схæлиу сты. Лæппу-лæг фыййау Ахмæт, нымæт йæ уæлæ, топп йæ хъæбысы, къæдзæхы сынæгыл йæ фарсыл хуыссыд, кæрдæгджын хизæн, уымæл ривæддон, нард фосы дзугæй йæ зæрдæ рухс уыд.
Гæдиаты Секъайы "Æвзæрст уацмыстæм" гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0