Хуссар Иры министрты Кабинет ауагъта кадрон ивындзинæдтæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны министрты Кабинет ауагъта кадрон ивындзинæдтæ
Хуссар Ирыстоны министрты Кабинет ауагъта кадрон ивындзинæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад радон рабадты æртыццæджы райсомæй сфидар кодта кадрон ивындзинæдтæ.
Лолаты Асланы кæй снысан кодтой ахуырад æмæ зонады министрæй, уый тыххæй йæ ссæрибар кодтой йæ раздæры уагдоны сæргълæууæджы хæдивæджы бынатæй.
Уымæй дарддæр ахуырад æмæ зонады министрады кадрон ивындзинæдты фæстиуæгæн, Кабмины минæвæрттæ сфидар кодтой министрады коллегийы ног сконд, кæцы кусдзæн республикæйы зонадон-ахуырадон уынаффæты скъуыддзаг кæныныл.
Афтæ ма кадрон ивындзинæдтæ æрцыдысты Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады. Хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæджы бынатæй ссæрибар кодтой Джиоты Эдуарды, уый куыста ацы бынаты 2018 азæй фæстæмæ.
Скъуыддзæгтæ иууылдæр Кабмин рахастой æмхъæлæсæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0