Хуссар Иры соцфонд радта хыгъд хицауады раз 2022 азы бюджеты фæдыл

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны соцфонд радта хыгъд хицауады раз 2022 азы бюджеты фæдыл
Хуссар Ирыстоны соцфонд радта хыгъд хицауады раз 2022 азы бюджеты фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад æртыццæджы рабадты æркаст республикæйы Социалон фонды 2022 азы бюджет сæххæст кæнынмæ. Докладимæ раныхас кодта æнæниздзинад хахъхъæныны министр Плиты Агуындæ æмæ банысан кодта, Соцфонды бюджеты æфтиаг 2022 азы кæй уыд 753 438 мин сомы.
Афтæ ма министр бахахх кодта пенситæ æмæ иухаттон бафыстытæн республикæйы 2022 азы Соцфонды бюджетæй кæй рахицæн кодтой 746 745 мин сомы. Уагдоны хæрдзтæ уыдысты 785 345 мин сомы. Цы дефицит сæвзæрд, уый баххæст кодтой Соцфонды резервы фæрцы.
"Хуссар Ирыстоны пенсионертæ 2022 азы сты 5 655 адæймаджы. Уый у 2021 азмæ абаргæйæ 267 адæймагæй фылдæр. Пенсиисæджы астæуккаг æфтиаг Хуссар Ирыстоны 2022 азы у 9798 сомы. Республикæйы пенсийы астæуккаг бæрц у 8 952 сомы", - банысан кодта министр.
Кабмины минæвæрттæ æмхъæлæсæй разы загътой ацы закъоны проект райсыны тыххæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0