Уф æфсæддонтæ æрæппæрстой æнæпилотон тæхæг аппарат Курскы областы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУф æфсæддонтæ æрыппæрстой æнæпилотон тæхæг аппарат Курскы областы
Уф æфсæддонтæ æрыппæрстой æнæпилотон тæхæг аппарат Курскы областы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 май — Sputnik. Уæрæсейы Курскы областы уæлдæфон хъахъхъæнынады тыхтæ æртыццæджы райсом æрæппæрстой æнæпилотон тæхæг аппарат, фехъусын кодта регионы губернатор Роман Старовойт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, дроны хæйттæ æрхаудтой Толмачево хъæуыл.
"Зиан ничи баййæфта, фæлæ бахъыгдард газы хæтæл æмæ хæдзары разуынд", - ныффыста Старовойт йæ Telegram-каналы.
Цауы бынаты кусынц оперативон службæтæ.
Æнæпилотон тæхæ аппараты ноджы иу срæмыгъды тыххæй æртыццæджы фехъусын кодта УФ Белгороды областы губернатор Вячеслав Гладков. Бахъыгдард сты цалдæр бæстыхайы æмæ хæдтулгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0