Хуссар Иры ветеранты идӕдзтӕ ӕмӕ фӕсчъылдымы кусджытӕ райсдзысты ӕххуыс Уӕлахизы бонмӕ

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ветеранты идӕдзтӕ ӕмӕ фӕсчъылдымы кусджытӕ райсдзысты ӕххуыс Уӕлахизы бонмӕ
Хуссар Иры ветеранты идӕдзтӕ ӕмӕ фӕсчъылдымы кусджытӕ райсдзысты ӕххуыс Уӕлахизы бонмӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 маq – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты дзӕнӕттаг хайадисджыты бинойнӕгтӕ ӕмӕ фӕсчъылдымы фӕллойгӕнджытӕ райсдзысты финансон ӕххуыс паддзахадӕй, фехъусын кодта Sputnik президенты пресс-секретарь Босыкты Наталья.
Финансон ӕххуыс лӕвӕрд цӕуы Стыр Уӕлахизы 78 азы цытӕн.
"Паддзахады сӕргълӕууӕг бафыста барамынд Уӕлахизы бонмӕ. Президенты уынаффӕмӕ гӕсгӕ фӕсчъылдымы кусджытӕ райсдзысты 10 мин сомы, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджыты бинойнӕгтӕн та - фондз мины", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕрӕзтӕ лӕвӕрд цӕудзысты ӕхсӕнадон организаци "Ветеранты цӕдис" номхыгъдтӕ куы бацӕттӕ кӕна, уӕд.
Уымӕй размӕ цӕдисы сӕрдар Хуыбылты Руслан радзырдта Sputnik-ӕн, ныридӕгӕн республикӕйы ис ӕртынӕй фылдӕр ветераны идӕдзы ӕмӕ уый бӕрц сты фӕсчъылдымы кусджытӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0