Хуссайраг Æфсæддон Зылды бастдзинады кусджытæ зынвадатты æрнывыл кодтой фидар куыст

© Photo : Пресс-служба ЮВОХуссайраг Æфсæддон Зылды бастдзинады кусджытæ зынвадатты æрнывыл кодтой фидар куыст
Хуссайраг Æфсæддон Зылды бастдзинады кусджытæ зынвадатты æрнывыл кодтой фидар куыст  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссайраг Æфсæддон Зылды бастдзинады специалисттæ Цæгат Ирыстоны бакуыстой фидар æнæскъуыйгæ бастдзинады хæслæвæрдтæ сæххæст кæныныл, хъусын кæны зылды пресс-службæ.
"Æфсæддонтæ быдырон уавæрты æрæвæрдтой фæткдаруатон змæлгæ пункттæ æмæ сифтонг кодтой фидар æнæскъуыйгæ бастдзинад абонентты ᾿хсæн ныхмæлæууæджы ᾿рдыгæй радиоэлектронон тох активонæй саразгæйæ уавæрты, афтæ ма алыхуызон боныгъæды уавæрты", - радзырдтой ХÆЗ.
ХÆЗ æфсæддонтæ сæ архайд иууылдæр уагътой нырыккон сæрмагонд техникæйыл, банысан кодтой зылды. Архадтой комплекс "Редут-2УС", радиостанцитæ Р-166, командон-штабон машинæ Р-149АКШ, антеннæйон модультæ Р-431АМ æмæ спутникон бастдзинады портативон стъанцтæ "Белозер".
Ног хабӕртты лентӕ
0