Таймæзты Мæдинæ стох кæндзæн дунейы иууыл тыхджындæр дзюдоисткæйы титулыл

© Photo : Фото из TelegramТаймæзты Мæдинæ
Таймæзты Мæдинæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цыппæрæмы уæрæсейаг дзюдоисткæ Таймæзты Мæдинæ стох кæндзæн дунейы чемионаты майдантыл, кæцы цæуы ацы бонты Дохайы (Катар). Уæрæсейаг спортсменкæ архайы 70 килограммы уæзы категорийы.
Таймæзты Мæдинæ йæ ралæуд райдадзæн ерысты дыккаг раундæй. Йæ ныхмæлæууæг уыдзæн Ньям-Эрдене Башури (Монголи) — Шанталь Райтæй (АИШ) чи рамбулдзæн, уый.
Катары дунейы чемпионат уыдзæн Таймæзты Мæдинæйæн дыккаг йæ карьерæйы. Уый размæ уæрæсейаг спортсменкæ хайад иста дунейы чемпионаты 2019 азы Токиойы (Япони), æмæ дзы рамбылдта бронзæйон майдан командон ерысты.
Дзюдойæ 36-æм дунейы чемпионат уагъд цæуы Катары столицæ Дохайы 7-æй 14-æм маймæ.
Уæрæсе æмæ Белорусийы спортсментæ хайад исынц турниры нейтралон статусы.
Ног хабӕртты лентӕ
0