Хицауад баххуыс кодта зынгирвӕзты зианбаййафӕг сылгоймагӕн

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæХицауад баххуыс кодта зынгирвӕзты зианбаййафӕг сылгоймагӕн
Хицауад баххуыс кодта зынгирвӕзты зианбаййафӕг сылгоймагӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы йӕ фатер цы сылгоймагӕн басыгъд, уый хицауадӕй райсгӕ компенсаци аздахдзӕн йӕ цӕрӕнуат сцалцӕг кӕнынмӕ.
Ацы къуыри хицауады рабадты йӕ фӕсауӕрцон фондӕй рахицӕн кодтой финансон ӕххуыс 100 мин сомы бæрц горæт Цхинвалы цæрæг сылгоймаг Хуыбиаты Викторияйӕн, кæцыйы мулк бахъыгдард зынгсирвæзты фæстиуæгæн 2022 азы 12 апрелы.
"Ацы фӕрӕзтӕй сцалцӕг кӕндзысты къӕбиц, уым фӕзынд зынгирвӕзт. Йӕ аххосаг уыд уазалгӕнӕн", – загъта Хуыбиаты Виктория Sputnik.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрмагонд службӕтӕ сӕм тагъд бацыдысты, фæлæ уӕддӕр арт разиан кодта цӕрӕнуатӕн.
"Ӕппӕт хӕдзарон мигӕнӕнӕй ницыуал сбӕззыд ӕмӕ фесты калинаг", - бафтыдта уый.
Уый ма бафиппайдта, финансон ӕххуысӕй дарддӕр ма хицауад ныфс радта фатеры фӕрссагтӕ раивынӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0