Хуссар Иры раздæры генпрокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг

© Официальный сайт Генпрокуратуры РФ Дзæгъиаты Уырызмæг
Дзæгъиаты Уырызмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гепрокуратурæйы фæдагуырды хайад бакодта уголовон хъуыддаг республикæйы раздæры генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæджы фæдыл статья "Превышение должностных полномочий"-мæ гæсгæ, фехъусын кодта майрæмбоны РХИ Генпрокуратурæйы пресс-службæ.
"Ацы уголовон хъуыддаг ракодтой хицæн категоримæ уголовон хъуыддагæй, кæцы бакондæуыд мидхъуыддæгты раздæры министр, милицийы инæлар-майор Наниты Игоры ныхмæ", - банысан кодтой Генпрокуратурæйы.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, ныртæккæ уагъд цæуынц æнæмæнгхъæугæ фæдагуырдон-оперативон мадзæлттæ.
Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты раздæры министр Наниты Игоры ныхмæ бакодтой уголовон хъуыддаг апрелы статья "Превышение должностных полномочий"-мæ гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0