Хуссар Иры теннисисттæ хайад райсдзысты Гом турниры Дзæуджыхъæуы

© Sputnik / Natalia Airiyan Уæлыстъол теннис
Уæлыстъол теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Хуссарирыстойнаг теннисисттæ хайад райсдзысты Гом турниры Дзæуджыхъæуы. Уæлыстъол теннисы ерыстæ нывонд сты Уæлахизы бонæн, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет.
Хуссар Ирыстоны Уæлыстъол теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз ерысты хайад исынц 20-мæ æввахс спортсмены 2009 азы гуырд æмæ кæстæрдæр спортсменты æхсæн.
Фæсивæды ерыстæм цæттæ кæнынц тренертæ Касаты Лариса æмæ Изетта, Остъаты Лидия, Уалыты Ирина æмæ Джиоты Мириан.
Турнир уагъд цæудзæн 14 майы.
Ног хабӕртты лентӕ
0