Хуссар Иры Уæлахизы боны цытæн ацæудзæн турнир уæгъдибар хæстæй

© PhotoХуссар Ирыстоны Уæлахизы боны цытæн ацæудзæн турнир уæгъдибар хæстæй
Хуссар Ирыстоны Уæлахизы боны цытæн ацæудзæн турнир уæгъдибар хæстæй  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны 12-13 майы ацæудзысты æхсæнадæмон ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уый тыххæй хъусын кæны Цхинвалы администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты фæткдаруаты пресс-службæ.

"Раздæр мах æрвылаз дæр уагътам турниртæ 9 Майы цытæн, фæлæ ацы аз фыццаг хатт рахызт æхсæнадæмон æмвæзадмæ. Ерысты хайад исдзысты спортсментæ Черкескæй, Цæгат Ирыстонæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйæ", - загъта фæткдаруаты сæргълæууæг Тасойты Игорь.

Уæгъибар хъæбысхæстæй турнир ацæудзæн æрыгæтты дыууæ кары категорийы ᾿хсæн: 2007-2008, 2009-2010 азты гуырдты.
Призон бынæттæ бацахсæг спортменты схорзæхджын кæндзысты майдантæ, грамотæтæ, кубоктæ æмæ зынаргъ призтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0