Хуссар Иры арæн хъахъхъæнджытæ иу мæймæ æрурæдтой 45 фæткхалæджы – ПÆК

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры арæн
Хуссар Иры арæн  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнгæрæтты апрелы æрурæдтой 45 фæткхалæджы, уыдонæй 21 фехæлдтой паддзахадон арæны режим, 24 – арæнгæрон режим, хъусын кæны РХИ Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Фæткхæлды алы цауы фæдыл дæр ПÆК Арæнгæроны службæ ауагъта басгæрст. Уый фæстиуæгæн 25 адæймаджы бахаудысты административон ивары бын, æртæ – иваргонд æрцыдысты æмæ сæ феддæ кодтой республикæйы арæнтæй, 15 адæймаджы бафæдзæхстой, ноджы дыууæ адæймаджы ныхмæ æрурæдтой административон арæзтад.
Арæнгæрон службæ зæрдыл бадардта, Хуссар Ирыстоны арæнтæм æввахс балцы цæуыны рæстæджы хъæуы хæссын докуметтæ (паспорт, райгуырды æвдисæн, фæсарæйнаг адæмæн, уымæй дарддæр ма хъæуы рахæссын уадзæн гæххæтт).
Афтæ ма уагдоны æрсидтысты æмбæстæгтæ æмæ организацитæм, кæцытæ уадзынц сезонон куыстытæ арæгæрон зонæты, развæлгъау бадæттын гæххæттытæ, цæмæй æмбæлон барлæвæрд райсой ПÆК Арæгæрон службæйæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0