Дыгъуызты Залина: Цы фæдæ, аив дзырд, цы фæдæ?!

Дыгъуызты Залина: Цы фæдæ, аив дзырд, цы фæдæ?!
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 15 майы нысан кæнынц мадæлон æвзаджы бæрæгбон. Хуссар Ирыстоны ис дыууæ паддзахадон æвзаг: ирон æмæ уырыссаг. Фæлæ мадæлон æвзаг у иу - ирон. Æмæ уый тыххæй Sputnik Хуссар Ирыстонæн иттæг зæрдæмæдзæугæ ныхæстæй радзырдтаХуссар Ирыстоны зонад-иртасæг институты ирон æвзагзонынады хайады зонадон кусæг, поэт Дыгъуызты Залина.
"Нацийы культурон хæзнатæн сæ иууыл ахсджиагдæрыл нымад у æвзаг, уымæн æмæ æвзаг у удæгас цырт этносы монондзинад, хъуыдыкæнынад æмæ культурон дунеæмбарынадæн. Ирон æвзаджы цæрдхъомдзинадæн ирд æвдисæн у йæ рагон истори: йæ лексикæ æмæ йæ грамматикæ рацыдысты дæргъвæтин фæндæгтыл индо-европæйаг уавæрæй ирайнаг уавæрмæ, ирайнагæй – кавказагмæ, кавказагæй та – нырыкконмæ, æмæ йыл æмбойны нæ къух куы сисæм æмæ йæ куы нæ бавæрæм, уæд уый уыдзæнис ирон нацийы фесæфт! Не 'взаг цæрдхъом нын у алкæддæр!" - банысан кодта ныхасæмбал.
Афтæ ма поэт бакастис йæ æмдзæвгæ ирон æвзаджы цытæн.
ИРОН ÆВЗАГÆН
Цы фæдæ, аив дзырд, цы фæдæ?!
Дæ фарн цæмæн ныууагъта мах?
Дæ тых куы фæлдæхта къæдзæхтæ,
Дæ ныфс – цæугæ мæсыг, гæнах!
Цы уд дæ бавæрдтой фыдæлтæ?
Дæ кад бырсгæ `фсадау – нæргæ!
Сæрдыгон уддзæфау дæ зæлтæ.
Æнус дæм хъусин æз бæргæ!
Лæджы куы ахоныс ды мифтæм
Дæ фæрцы Нарты дуне гом.
Куыд тох кодтой стæрты Скифтæ –
Фæдзурыс махæн ды бæстон!
Аланты кардæвзаг, цы фæдæ?!
Цы бæстыл агурæм ныр дæу?
О, Уастырджы, ныббар нæ рæдыд!
Æниу нын баринаг дæр нæу!
07.05.13 аз.
Дыгъуызты З.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0