Дзæуджыхъæуы æрцыд ФТЦ æртæ хæдтулгæйы хайадистæй

© Photo : 15-Й РЕГИОНДзæуджыхъæуы æрцыд ФТЦ æртæ хæдтулгæйы хайадистæй
Дзæуджыхъæуы æрцыд ФТЦ æртæ хæдтулгæйы хайадистæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы хуыцаубоны Мæскуыйаг уынгыл сæмбæлдысты æртæ хæдтулгæйы, иу адæймаг бахъыгдард. Уый тыххæй хъусын кæны 15-æм Регион республикæйы МХМ æнцойгæнгæйæ.
Развæлгъау информацимæ гæсгæ, "мерседес" хæдтулгæйы шофыр скъæрдта Мæскуыйаг уынгыл Калинины уынджы рдæм, нæ сырæхст скъæрын æмæ сæмбæлд КИА хæдтулгæимæ, уый фæстæ та ноджы сæмбæлд æндæр "мерседес" хæдтулгæимæ. Цæфы фæстиуæгæн КИА хæдтулгæ сæмбæлд бæласыл, "мерседес" та ссыгъд.
Цауы фæстиуæгæн КИА хæдтулгæйы шофыры бакодтой медицинон уагдонмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0