Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны цытæн

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik. Абон мах нысан кæнæм нæ мадæлон æвзаджы бон, æмæ уын зæрдæбынæй арфæ кæнын, дзырдæуы президент Гаглойты Аланы арфæйы телы, кæцы мыхуыргонд æрцыд паддзахады сæргълæууæджы сайтыл.
"Ацы рæсугъд æмæ фæрнджын хæзна нын ныууагътой нæ фыдæлтæ. Уыдон æй хъавгæ бавæрдтой историйы уæззау зилдухæнты, æмæ ныр та мах хæсджын стæм, цæмæй йæ сæфын ма бауадзæм, сфидар æй кæнæм æмæ йæ рæзгæ фæлтæрмæ адæттæм. Мах ирон æвзагæй царды алы фадыджы дæр куы пайда кæнæм, уæд уыдон дæр фендзысты, мах ын цы аргъ кæнæм, цы хъусдард æм здахæм æмæ уæд хъазуатондæрæй тырндзысты йæ ахуыр кæнынмæ", - дзырдæуы президенты арфæйы телы.
Паддзахады разамонæг ма банысан кодта, ирон æвзагыл нæ фыдæлтæ кæй сфæлдыстой æнæмæлгæ Нарты эпос, Даредзанты кадджытæ, Царциаты кадджытæ, афтæ ма ирон æвзагыл фыст сты Къоста, Секъа, Темырболат æмæ иннæ стыр, адæмæн уарзондæр поэттæ æмæ прозаикты уацмыстæ.
Президенты зæрдæ загъта адæмæн, цæмæй Ирыстоны алы хæдзары дæр зæла мадæлон æвзаг, æмæ йыл зæрдæрухс ныййарджытæ дзурой се ‘нæниз æмæ амондджын хъæбултæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0