"Популярон зонад" Хуссар Иры: Къæбысты Мария ног проекты тыххæй

«Популярон зонад» Хуссар Ирыстоны: Къæбысты Мария ног проектыл
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты 16 майы ацæудзæн проект "Популярон зонад"-ы фыццаг лекци. Уый тыххæй Sputnik радзырдта уагдоны сæргълæууæджы хæдивæг Къæбысты Мария.
"Проект байдайдзæн ацы мæй, хъавæм æй уадзын æрвыл мæй дæр – лекцитæ кæсын фæсивæдæн, скъоладзаутæн. Кæйдæриддæр фæнды, уымæн йæ бон у æрбацæуа æмæ байхъуса. Нæ институты цыдæриддæр къабæзтæ ис – истори, филологи, экономикæ - уыдонæй алкæцыйæ дæр уадздзыстæм лекцитæ", - загъта ныхасæмбал.
Куыд банысан кодта Къæбысты Мария, афтæмæй фыццаг лекци кæсдзæн ног историйы хайады сæргълæууæг, философон зонæдты кандидат, профессор Дзугаты Къоста, йæ темæ "Уæлахизы бон æмæ йæ фæдонтæ".
Проекты нысаниуæг у зонад популяризаци кæнын, уымæн æмæ зонад у паддзахады бындур, æмæ цæмæй бæстæ размæ рацæуа, уый тыххæй хъæуы фæсивæды зонадмæ æмхиц кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0