https://sputnik-ossetia.com/20230515/tskhinvaly-banysan-kodtoy-iron-avzag-ama-literaturayy-baragbon-23284490.html
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы банысан кодтой мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон. 15.05.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-05-15T14:35+0300
2023-05-15T14:35+0300
2023-05-15T15:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
ирон æвзаг 
ирон литературæ
цхинвал
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/0f/23271451_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_370a79a08ee64ae6d9f9ad90e299a06c.jpg
ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы банысан кодтой мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон. Хицауад ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, стӕй ма скъоладзаутӕ Иры иууыл зындгондӕр гоймаг - Хетӕгкаты Къостайы цырты рӕбынмӕ бахастой дидинтӕ, дзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ ирон ӕвзаджы ахадындзинадыл. Ӕмдзӕвгӕтӕ радзырдтой поэзийы конкурсы финалисттӕ.20 азы размӕ 15 май снысан кодтой Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонӕй, датӕ равзӕрстой Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыры" рацыды бон. Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг Дыгъуызты Лиана ирон ӕвзаджы бахъахъхъӕныны сидт бафидар кодта Абайты Васойы ныхӕстӕй. Ӕхсӕнадон архайӕг Плиты Инал бакаст Къостайы "Ныстуан" ирон ӕмӕ болгайраг ӕвзагыл ӕмӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, 90-ӕм ӕзты ирон адӕмы тох райдыдта мадӕлон ӕвзаджы сӕрыл. Ирон ӕвзаджы райрӕзт ӕмӕ бахъахъхъӕныны амӕлттыл дзырдта библиотекӕйы кусӕг Гуыззытаты Этери.  Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бӕрӕгбоны фӕдыл президенты номӕй раарфӕ кодта йӕ администрацийы сӕрдары хӕдивӕг Цоциты Анна.
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
    https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/0f/23271451_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_42b405953ec39c1bf3a1aee719297d34.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
 media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
   хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ирон æвзаг , ирон литературæ, цхинвал
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, ирон æвзаг , ирон литературæ, цхинвал
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон
14:35 15.05.2023  (Ранӕуӕггонд: 15:11 15.05.2023) ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы банысан кодтой мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон. 
Хицауад ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, стӕй ма скъоладзаутӕ Иры иууыл зындгондӕр гоймаг - Хетӕгкаты Къостайы цырты рӕбынмӕ бахастой дидинтӕ, дзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ ирон ӕвзаджы ахадындзинадыл. Ӕмдзӕвгӕтӕ радзырдтой поэзийы конкурсы финалисттӕ.
20 азы размӕ 15 май снысан кодтой Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонӕй, датӕ равзӕрстой Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыры" рацыды бон. 
Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг Дыгъуызты Лиана ирон ӕвзаджы бахъахъхъӕныны сидт бафидар кодта Абайты Васойы ныхӕстӕй. 
"Фыццаг рады мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй алы бинонтӕ дӕр хӕдзары дзурой иронау. Ныстуан нын уӕд Абайты Васойы ныхӕстӕ - алкӕцы хӕдзары къулыл дӕр фыст уа "ам дзурынц иронау", - банысан кодта уый. 
Ӕхсӕнадон архайӕг Плиты Инал бакаст Къостайы "Ныстуан" ирон ӕмӕ болгайраг ӕвзагыл ӕмӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, 90-ӕм ӕзты ирон адӕмы тох райдыдта мадӕлон ӕвзаджы сӕрыл. 
Ирон ӕвзаджы райрӕзт ӕмӕ бахъахъхъӕныны амӕлттыл дзырдта библиотекӕйы кусӕг Гуыззытаты Этери.  
"Дзурут уӕ зӕнӕгимӕ иронау, уырыссагау сахуыр уыдзысты, стӕй уырыссаг ӕвзагӕн фесӕфынӕй тас дӕр нӕу. Ахуыр кӕнут ӕвзӕгтӕ, фӕлӕ сӕйраг кад кӕнут мадӕлон ӕвзагӕн", - загъта уый.  
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бӕрӕгбоны фӕдыл президенты номӕй раарфӕ кодта йӕ администрацийы сӕрдары хӕдивӕг Цоциты Анна.