Грозныйы ацыд Хуссар Иры культурæйы Бонты бæрæгбонон баконд

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæГрозный
Грозный - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурæйы Бонты бæрæгбонон баконд ацыд къуырисæры изæры Грозныйы. Мадзал бакодта Цæцæны Республикæйы культурæйы министр Айшат Кадырова æмæ Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Рада. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады пресс-службæ.
Айшат Кадырова йæ раныхасы банысан кодта ахæм мадзæлтты ахсджиагдзинад.
"Кæрæдзи традицитæ æмбарынкæнынадæй райдайы æцæг кад дыууæ адæмы æхсæн. Хуссар Ирыстон æмæ Цæцæны Республикæйæн ис, цæуыл дзурой, æмæ культурæйы Бонтæ та сфидар кæндзысты нæ хæлардзинад", - бахахх кодта Айшат Кадырова.
Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Рада раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ бузныг загъта йæ коллегæйæн æмгуыстад æмæ культурон диалогмæ тырнындзинады тыххæй. Йæ раныхасы ма Зæгъойты Рада банысан кодта, абон Ирыстоны кæй банысан кодтой ахсджиаг бæрæгбон – Ирон æвзаджы бон.
"Æвзаг æмæ культурæ сты алкæцы нацийы бындур дæр. Абон æппæт Ирыстоны нысан кæнынц Ирон æвзаджы бон, æмæ уый у символикон, ацы нысаниуæгджын бон мах кæй æвдисæм нæ культурæ фæсарæнты", - загъта министр.
Афтæ ма уый баныфсæвæрдта, культурæйы къабазы æмгуыстад дарддæр æй рæздзæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0