Хуссар Иры ФХМ сæргълæууæг хайад райсдзæн Абхазы дипломатон уагдоны 30 азы бæрæгбоны

© Sputnik / Natalia AiriyanДжиоты Æхсар
Джиоты Æхсар  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æрцыд официалон балцы Абхазмæ, хъусын кæны абхазаг æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
Джиоты Æхсар хайад райсдзæн Абхазы ФХМ сæвзæрды 30-æм афæдзыбоны бæрæгбоны.
Нысангонд æрцыд, республикæйы делегацийыл кæй сæмбæлд Абхазы ФХМ стратегион æмгуыстады департаменты хистæр Джемал Бганба.
Ног хабӕртты лентӕ
0