Хъæууон хæдзарады министрад æххуыс кæны Хуссар Иры фермертæн – уагдоны разамонæг

© Sputnik / Natalia Airiyan Цъон
Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрад сæ фæрæзтæ æмæ фадæттæ куыд амонынц, афтæмæй æххуыс кæнынц республикæйы фермертæн. Уый тыххæй Sputnik пресс-конференцийы рæстæджы радзырдта Хъæууон хæдзарады министрады разамонæг Мæргъиты Алан.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны архайы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады субъекттæн уæлбар кредиттæ дæттыны программæ, кæцыйы фæлгæтты приоритет здæхт у хъæууон хæдзарады къабазы проекттæм.
"Фарон аз 55 проектæй 40 уыдысты хъæууон хæдзарады къабазы. Ис æвæрццаг дæнцæгтæ проектты реализацийы, зæгъæм, фермерон хæдзарадтæ. Фермерон хæдзарадты фæфылдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг ахсджиаг у республикæйы хъæууон хæдзарадæн. Ацы хæслæвæрд аскъуыддзаг кæнын фадат ратдзæн фæфылдæр кæнын республикæйы рауадзгæ продукци", - загъта министр.
Мæргъиты Алан банысан кодта, Хъæууон хæдзарады министрад ныртæккæ кæй кусы фарстыл, цæмæй саразой уæлæмхас æххуысы мадзæлттæ, сæйраджыдæр, гранттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0