Хуссар Иры МХМ фадыгон милицийы кусджытæ бæрæг кæдзысты газы хынцæгты расткусынад

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры МХМ фадыгон милицийы кусджытæ бæрæг кæдзысты газы хынцæгты расткусынад
Хуссар Иры МХМ фадыгон милицийы кусджытæ бæрæг кæдзысты газы хынцæгты расткусынад  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik. Фадыгон æххæстбарджын милицийы кусджытæ бæрæг кæдзысты Хуссар Ирыстоны цæрджыты хæдзæртты газы хынцæгты расткусынад, цæмæй фæкъаддæр кæной газ ахъуызыны тыххæй цы зынгсивæрзттæ æмæ сыгъдхъæстæтæ æрцæуы, уыдоны нымæц. Æмбæлон барамынд радта республикæйы мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.
МХМ сæргълæууæг радта барамынд горæттаг æмæ районы мидхъуыддæгты фæткдаруаттæм оперативон уынаффæйы æмбырды рæстæджы, бынсан кодтой министрады.

"Сыгъдхъæстæтæ кæй фæарæхдæр сты цæрæг хæдзæртты, уый тыххæй æххæстбарджын фадыгон милицийы кусжытæ зилдзысты æмæ бæрæг кæндзысты газы ифтонгады расткусынад. Мидхъуыддæгты министр бахахх кодта, ахæм мадзæлттæ æнæмæнгхъæуæг кæй сты, цæмæй зиæнттæй бахизæм – зынгсивæрзтытæ æмæ сыгъдхъæстæтæй, сæ аххоссаг арæх вæййы зынгсивæрзты ныхмæ æдасдзинад æмæ хъарм кæнынады системæты эксплуатацийы фæткхæлдтытæ", - банысан кодтой МХМ.

Уагдонады банысан кодтой, азы райдианæй Цхинвалы МХФ кæй æрбацыди æхсæз хъусынгæнинаджы сыгъдхъæстæйы тыххæй. 13 адæймаджы госпитализацигонд æрцыдысты. Уымæй дарддæр, столицæйы регистрацигонд æрцыдысты дыууæ зынгсивæрзты сæрмагонд хæдзæртты, уыдоны фæстиуæгæн фæмард сты æртæ адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0