Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой 1989-1993 азты хихъахъхъæныны къордты хыгъдтæ ранæуæгыл

© Photo : Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты æрдзырдтой 1989-1993 азты хихъахъхъæныны къодты хыгъдтæ ранæуæгыл
Хуссар Иры парламенты æрдзырдтой 1989-1993 азты хихъахъхъæныны къодты хыгъдтæ ранæуæгыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъæуы сног кæнын 1989-1993 азты гуырдзиаг агрессийы ныхмæлæуджыты хыгъдтæ. Ахæм хъуыдымæ æрцыдысты парламенты депутаттæ æмæ Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ хъихъахъхъæнын æмæ æдасдзинады фæдыл рабадты, хъусын кæны парламенты пресс-службæ.

"Уыцы хыгъдтæ хъæуы сбæлвырд кæнын. Цæмæй хæстон архæйдтыты чидæриддæр иста хайад, хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинад æвдисгæйæ, пайда кæной сæ бартæ æмæ уæлбартæй. Æмбарæм, бирæтæ сæ æгас нал сты. Хъæуы сног кæнын къамисы куыст, сбæлвырд кæнын хыгъдтæ æмæ сын радтын хæстон архæйдтыты хайадисджыты статус", - загъта комитеты сæргълæууæг Бибылты Ацæмæз.

Депутат Санахъоты Давид банхъардта хыгъды хайадисджыты адих кæнын дыууæ категорийыл – хайадисджытæ æмæ фæсчъылдымы æфсæддонтæ, цæмæй сæ алкæмæндæр уа бæрæг статус.
Ног хабӕртты лентӕ
0