Хуссар Иры спортсментӕ райстой призон бынӕттӕ ерысты уӕлыстъол теннисӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Уӕлыстъол теннис
Уӕлыстъол теннис - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны спортсментӕ райстой призон бынӕттӕ Стыр Уӕлахизӕн нывонд ерысты уӕлыстъол теннисӕй, фехъусын кодта Sputnik уӕлыстъол теннисы федерацийы хистӕр Джиоты Мириан.
Ерыстӕ цыдысты Дзӕуыджыхъӕуы 14 майы, тохтӕ цыдысты дыууӕ кары категорийы - 2012 азы онг гуырдтӕ ӕмӕ 2009 азы онг гуырдтӕ
"Фыццаг кары категорийы ӕппӕт пьедестал иууылдӕр бацахстой нӕ чызджытӕ - Хъуылымбегты Виктория, Лалыты Аза ӕмӕ Габуты Илона. Ацы кары категорийы лӕппуты хсӕн расгуыхт Кулешов Ролан ", - загъта тренер.
Уый ма банысан кодта, сӕйраг тох уыд 2009 азы онг гуырд спортсменты хсӕн, уыдон хсӕн конкуренци уыд Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгондмӕ бацӕуыныл.
"Уый уыд ЦКФЗ ерыстӕ "Шаг в будущее"-мӕ ӕвзӕрст. Мах спортсментӕй сӕ ӕнтыстыты фӕрцы уырдӕм раразмӕгонд ӕрцыдсты Майя Касрадзе ӕмӕ Къуылыхты Зӕринӕ, лӕппутӕй та Дашиев Балдан" - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0