Къæвдатæ фехæлдтой Хуссар Иры Ленингоры районы фæндагон инфраструктурæ

© Photo : Пресс-служба администрации Ленингорского района РЮОКъæвдатæ фехæлдтой Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы фæндагон инфраструктурæтæ
Къæвдатæ фехæлдтой Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы фæндагон инфраструктурæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik, Гæбæраты Элина. Тæрккъæвдаты фæстиуæгæн донивылдтытæ æрхастой зиан Ленингоры районы фæндагон инфраструктурæйæн, фехъусын кодта Sputnik районы админстрацийы сæргълæууæг Кокойты Анжела.

"Ксандоны цæугæдон ахаста хидтæ Мартъиатæ, Харбал æмæ Цъиптапуры хъæуты, фистæджыты ахизæнтæ цæугæдоны сæрты æмæ автомобилон хид. Мартъиаты хъæуы центримæ бастдзинад у скъуыд, сывæллæтæн сæ бон нæу бацæуын скъоламæ, Икъоты хъæумæ бацæуæн ис æрмæстдæр стыр уæзласæн хæдтулгæтыл", - æрхаста пресс-секретарь Администрацийы арæзтад æмæ ЦКХ фадыджы сæргълæууæг Битарты Виталийы ныхæстæ.

Коммуналон службæтæ ныридæгæн æрæвнæлдтой цалцæггæнæн куыстытæм. Цыппæрæммæ коммуналон службæтæ срæвдз кодтой фæндагон бастдзинад уæлхох хъæутæ æмæ районы центримæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0