Цхинвалы УУМ æмæ ХИПУ ауагътой иумæйаг ахуыртæ

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы УУМ æмæ ХИПУ ауагътой иумæйаг ахуыртæ
Цхинвалы УУМ æмæ ХИПУ ауагътой иумæйаг ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацыдысты республикæйы равдыстон ахуыртæ – Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) кусджытæ сэвакуаци кодтой студентты æмæ кусджыты Хуссар Ирыстоны паддзахадон унверститеты агъуыстæй, хъусын кæны цыппæрæмы министрады пресс-службæ.
Сценаримæ гæсгæ ахуырадон корпусы къæлидоры хъахъхъæнджыты кусджытæ ссардтой спырх кæнынæй тæссаг кæмæй уыд, ахæм зæрдæмæхсайгæ предмет.

"Скъуыддзаггонд æрцыд эвакуаци скæнын персонал æмæ ахуырдзауты иуылдæр, цалынмæ уавæртæ ма сбæрæг кæной. Бæрæггонд æрцыд, æртæ студенты кæй ныффидар сты ахуырадон корпусы цыппæрæм уæладзыгыл. Ноджы иу студент бауадзыг ис историон-юридикон факультеты дыккаг уæладзыгыл, йемæ баззад иу адæймаг", - радзырдтой ахуырты цыды тыххæй уагдоны.

Цæмæй сценаримæ гæсгæ чи бауадзыг ис, уыцы студенты сэвакуаци кæной, уый тыххæй фæсидтысты агуырдон-ирвæзынгæнæн къордмæ æмæ йæ скодтой рынчындонмæ. Цыппæрæм уæладзыгыл чи ныффидар ис, уыдоны ссæрибар кæнынæн фæдзырдтой автоасинмæ.
Агъуысты территорийыл зæрдæмæхсайгæ предметтæ нал ис, уый куы сбæлвырд кодтой, уæд уынаффæ рахастой, цæмæй равдыстон ахуыртæ балхынцъ кæной.
Ног хабӕртты лентӕ
0