УФ Гарзджын тыхтæ фехстой фæсарæйнаг хæцæнгарзы æфтауцтæ Украинæйы

© Sputnik / РИА Новости /  Ахизын медиабанкмæУФ Гарзджын тыхтæ
УФ Гарзджын тыхтæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 маq — Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй фехстой фæсарæйнаг хæцæнгарз æмæ техникæйы егъау æфтауцтæ, афтæ ма Украинæйы Гарзджын тыхты фæсауæрцтæ.
"Абон æхсæвы дæргъы Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæ фехстой иттæг дырыс хæцæнгарзæй фæсарæйаг хæцæнгарз æмæ техникæйы егъау æфтауцтæ, афтæ ма ныхмæлæууæджы фæсауæрцтæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Цæфты фæстиуæгæн скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджыты егъау фæсауæрц, афтæ ма не руагътой фæсауæрцон æфсæдты ракæнын хæстон архæйдтыты районтæм.
Уымæй дарддæр уæрæсейаг æфсæдтæ иу суткæмæ æрыппæрстой украинæйаг хæдтæхæг СУ-24, вертолет Ми-8, залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ураган"-ы цыппар сармадзаны æмæ 11 æнæпилотон тæхæг аппараты.
Æдæппæт сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой: 428 хæдтæхæджы, 234 вертолеты, 4208 æнæпилотон тæхæг аппараты, 423 зенитон-ракетон комплексы, 9218 танчы æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæты 1100 хæстон хæдтулгæйы, быдырон артиллери æмæ минометты 4843сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 10 284 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0