Вокалон конкурс "Зарӕг"-ы финалист Дзуццаты Тимур сӕххӕст кодта йӕ ног зарӕг

© Sputnik / Natalia AiriyanПроект "Дзырд"
Проект Дзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Вокалон конкурс "Зарӕг"-ы финалист Дзуццаты Тимур республикон стадионы сӕххӕст кодта йӕ ног зарӕг "Мæ Ирыстон, мæ стъалы" поэзийы конкурс "Дзырд"-ы кӕройнаг этапы рӕстӕджы, цы ран уый уыд изӕры амонӕг.
"Ӕз фӕтыхсын ӕрмӕст цалынмӕ сценӕмӕ нӕ рахизын, уӕдмӕ. Ныр дӕр заргӕйӕ мӕ тыхстдзинад фӕтары. Залы ахастӕй та йӕ бамбӕрстон, зарӕг сӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыд", - загъта Sputnik лӕппу йӕхӕдӕг.
Дзуццаты Тимуры ном республикӕйы айхъуыст ивгъуыд азы кӕрон, уӕд уый бацахста дыккаг бынат паддзахадон телеуынынад ӕмӕ Культурӕйы министрады иумӕйаг конкурс "Зарӕг"-ы.
"Ивгъуыд азы конкурсы архайгӕйӕ нӕм ӕрцыд нӕхи зарӕг ныффыссыны хъуыды. Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕг куы ӕвзӕрстам, уӕд-иу нӕ бон ссарын нӕ уыд зарӕгӕн йӕ музыка ӕнӕ ныхӕстӕй. "Мæ Ирыстон, мæ стъалы"-йы музыка бацӕттӕ кодта Тыбылты Леонид, ныхӕстӕ - Мамиты Григорийы.Тынг мын баххуыс кодтой мӕ ахуыргӕнджытӕ Гӕджиты Жанетта ӕмӕ Къӕбысты Сӕрмӕт", - банысан кодта уый.
Дзуццаты Тимур сфӕлдыстадон фӕндагыл слӕууыд дӕс азы кары, уӕд уый бацыд сывӕллӕтты хормӕ, абон ахуыр кӕны Ӕлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргӕнӕндоны фортепианойы хайады.
Ног хабӕртты лентӕ
0