https://sputnik-ossetia.com/20230519/khussar-iry-banysan-kodtoy-nogdzauty-ravzardy-bon-23403639.html
Хуссар Иры банысан кодтой Ногдзауты равзӕрды бон
Хуссар Иры банысан кодтой Ногдзауты равзӕрды бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Мамсыраты Хадзы-Умары номыл астӕуккаг скъолайы банысан кодтой Ногдзауты организацийы фӕзынды... 19.05.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-05-19T16:19+0300
2023-05-19T16:19+0300
2023-05-19T16:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
стыр уӕлахиз
цхинвал
ахуырад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/13/23401480_0:0:1600:900_1920x0_80_0_0_bcedde8cb37f79dd08ebe7e9cd4da617.jpg
ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Мамсыраты Хадзы-Умары номыл астӕуккаг скъолайы банысан кодтой Ногдзауты организацийы фӕзынды 101 азы. Нысаниуӕгджын датӕйы тыххӕй цытджын линейкӕйы сырх галстуктимӕ ралӕууыдысты 170 скъоладзауы бӕрц. Ацы ахуырдон уагдон у иунӕг, кӕцыйы советон рӕстӕгӕй нӕ ныннымӕг ис ногдзауты змӕлд. Мадзалы фӕлгӕтты цыт кодтой скъолайы отряд "Патриот"-ы уӕнгтӕн, кӕцытӕ систы Зарницайы уӕлахиздзаутӕ. Горӕт Цхинвалы фӕндзӕм скъола у иунӕг ахуыргӕнӕн уагдон, цы ран ногдзауты змӕлд нӕ ныннымӕг ис Советон дугӕй. Ногдзауты аст отрядӕй алкӕмӕндӕр ис йӕхи ном, уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыд Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕсты ирон хъайтарты ӕмӕ 1989-2008 азы Хуссар Ирыстоны фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты нӕмттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/13/23401480_200:0:1400:900_1920x0_80_0_0_e59599128e181fc853d6ebe380c3a159.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, цхинвал, ахуырад
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, стыр уӕлахиз, цхинвал, ахуырад
Хуссар Иры банысан кодтой Ногдзауты равзӕрды бон
16:19 19.05.2023 (Ранӕуӕггонд: 16:20 19.05.2023) ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Мамсыраты Хадзы-Умары номыл астӕуккаг скъолайы банысан кодтой Ногдзауты организацийы фӕзынды 101 азы.
Нысаниуӕгджын датӕйы тыххӕй цытджын линейкӕйы сырх галстуктимӕ ралӕууыдысты 170 скъоладзауы бӕрц. Ацы ахуырдон уагдон у иунӕг, кӕцыйы советон рӕстӕгӕй нӕ ныннымӕг ис ногдзауты змӕлд.
"Ацы аз мах сног кодтам комсомолон организацийы куыст. Ацы организацийы фӕрцы цыд хъомыладон куыст, уый мидӕг ис йӕ ахсджиагдзинад", - загъта Sputnik скъолайы директоры хӕдивӕг, сгуыхт ахуыргӕнӕг Тедеты Нонна.
Мадзалы фӕлгӕтты цыт кодтой скъолайы отряд "Патриот"-ы уӕнгтӕн, кӕцытӕ систы Зарницайы уӕлахиздзаутӕ.
Горӕт Цхинвалы фӕндзӕм скъола у иунӕг ахуыргӕнӕн уагдон, цы ран ногдзауты змӕлд нӕ ныннымӕг ис Советон дугӕй. Ногдзауты аст отрядӕй алкӕмӕндӕр ис йӕхи ном, уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыд Стыр Фыдыбӕстӕйы хӕсты ирон хъайтарты ӕмӕ 1989-2008 азы Хуссар Ирыстоны фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты нӕмттӕ.