Хуссар Иры ленкгæнджытæ рамбылдтой фараст майданы ерысты Невинномысскы

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ленкгæнджытæ рамбылдтой фараст майданы ерысты Невинномысскы
Хуссар Иры ленкгæнджытæ рамбылдтой фараст майданы ерысты Невинномысскы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ленкгæнджытæ рамбылдтой фараст майданы ерысты Невинномысскы, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
Невинномысскы райдыдтой ерысты ленк кæнынæй, кæцытæ нывонд сты Уæрæсейы сгуыхт тренер Боташева Татьянайæн.
Хуссар Ирыстоны командæ ерысты фыццаг бон рамбылдта иу сыгъзæрин, æхсæз æвзист æмæ дыууæ бронзæйон майданы.
"Нæ спортсменты фæстиуджытæ зынгæ фæхуыздæр сты. Фæнды мæ банысан кæнын, Чиаты Михаил кæй сæххæст кодта спорты мастеры норматив 200 метры дистанцийыл фæсонтыл æмæ Тасойты Арсен та спорты мастермæ кандидаты ном 100 метры дистанцийыл комплексон ленк кæнынæй", - банысан кодта Евгения Терлеева.
Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ – Евгения Терлеева, Тъотъоты Хасан æмæ Плиты Ацæмæз.
Ног хабӕртты лентӕ
0