Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары ссардтой æвзонг лæппуйы мæрдон буар

© Photo : ПрессЦхинвалы хисæрмагонд хæдзары ссардтой æвзонг лæппуйы мæрдон буар
Цхинвалы хисæрмагонд хæдзары ссардтой æвзонг лæппуйы мæрдон буар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы хисæрмагонд хæдзары ссардтой æвзонг лæппуйы мæрдон буар тыхмарды миниуджытимæ. Уый тыххæй хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Цауы бынатмæ ацыд МХМ æмæ прокуратурæйы фæдагуырдон-оперативон къорд. Фæмардуæвæг разынд Цхинвалы 19-аздзыд цæрæг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ уадзынц мадзæлтты комплекс, цæмæй сбæрæг кæной цауы æууæлтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0