Уæрæсейаг æфсæдтæ фехстой Украинæйы дæлхайадтæ цæттæгæнæн центртæ

© Sputnik / Виталий БелоусовУФ Хъахъхъæнынады министрад
УФ Хъахъхъæнынады министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Уæрæсейы æфсæдтæ дысон æхсæвы фехстой Украинæйы Гарзджын тыхты дислокацийы пункттæ æмæ дæлхайæдты цæттæгæнæн центртæ, афтæ ма хæстæрмæджытæ æмæ фæсарæйнаг хæцæнгарз æмæ техникæйы æфтауцтæ. Уый тыххæй хъусын кæны УФ Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй цæфты нысан сæххæст ис, объекттæ куынæг æрцыдысты.
Уымæй дарддæр иу суткæмæ уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы авд сармадзаны. Скуынæг кодтой дæс украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Харьковы област æмæ Донецкы адæмон республикæйы.
Æдæппæт сæрмагонд æфсæддон операцийы райдайæнæй скуынæг кодтой: 428 хæдтæхæджы, 234 вертолеты, 4218 æнæпилотон тæхæг аппараты, 423 зенитон-ракетон комплексы, 9227 танчы æмæ æндæр хæстон хæдтулгæйы, залпон æхсты реактивон системæты 1100 хæстон хæдтулгæйы, быдырон артиллери æмæ минометты 4852 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 10 304 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0