00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Главные темы
09:00
4 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Ирон эфир
Новости
08:00
3 Мин
Ирон эфир
Дунейы ахсджиагдæр цаутыл ныхас политолог Уæзæгты Юриимæ
08:03
27 Мин
Ирон эфир
Новости
08:30
3 Мин
Ирон эфир
Нæ дарддæры ныхас политолог Уæзæгты Юриимæ æмæ Нарты кадджытæ
08:33
27 Мин
Главные темы
Новости
09:00
3 Мин
Утро на Спутнике
Маткапитал больше миллиона и новые выплаты: масштабная поддержка родителей в 2026 году
09:08
0 Мин
Утро на Спутнике
ЕС намерен "заморозить" текущий потолок цен на российскую нефть
09:09
0 Мин
Главные темы
Новости
09:30
3 Мин
Утро на Спутнике
Южная Осетия приняла участие в XI Национальном конгрессе эндокринологов в Москве
09:38
24 Мин
Утро на Спутнике
Путешествие по датам с Аланом Цховребовым
10:03
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

20.05.1992 - Зары трагеди

20.05. 1992 - Зары трагеди
Рафыссын
31 азы рацыд гуырдзиаг тугмондаг фашисттӕ Зары куы бабын кодтой ирон лидзӕг бӕлццонты. Алкӕмӕн дӕр зындгонд у 1992 азы 20-ӕм майы гуырдзиаг неофашисттӕ Зары фӕндагыл цы ӕбуалгъ фыдракӕнд сарӕзтой, уый. Ацы ӕвирхъау цауӕн ӕмбал нӕ разындзӕн, ӕгӕрыстӕмӕй, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты немыцаг фашисттӕ адӕймагады ныхмӕ кӕй арӕзтой, уыцы фыдракӕндты ʼхсӕн дӕр. 20-ӕм май ирон адӕм никуы ферох кӕндзысты. Уый зӕрдӕскъуыйӕн сау бонӕй бацыд нӕ историмӕ.
20-ӕм майы, райсомӕй горӕтӕй Зары фӕндаджы ʼрдӕм араст автокалоннӕ цалдӕр машинӕйӕ. Машинӕтӕ цыдысты уӕззаугомау, цъыфы-иу ныххаудысты. Бафӕлладысты бӕлццӕттӕ, фӕлӕ сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой. Сӕ цӕстытыл зынд, хъуыдыты кӕй аныгъуылдысты. Тар уыдис сӕ сӕрмӕ арв дӕр. Сау мигътӕ-иу ӕрбатыгуыр сты сӕ сӕрмӕ арвыл, цыма адӕмӕн сӕ адзал зыдтой, уыйау. Хаттӕй-хатт-иу сау мигътӕй фӕзындысты сыгъдӕг арвы цъӕх цӕстытӕ, фӕлӕ та-иу уыдон дӕр фӕстӕмӕ амбӕхстысты. Ӕвӕццӕгӕн, зыдтой, ӕнаххос адӕмы туг кӕй ныккӕлдзӕн, уый, ӕмӕ тарстысты. Хатт та-иу арв йӕ сау мигътӕй уарыны ӕртӕхты хуызы ӕнӕвгъау нызгъӕлста йӕ цӕссыгтӕ. Ӕнӕнхъӕлӕджы райхъуыст автоматы къӕр-къӕр. Уый гуырдзиаг фашисттӕ бамбӕхстытсты обауы фӕстӕ ӕмӕ уырдыгӕй ӕхстой ӕнаххос адӕмы, се ʼхсӕн ӕнахъом сывӕллӕттӕ, зӕрӕдтӕ – сылгоймагӕй, нӕлгомагӕй, ӕвзонг фӕсивӕд.
Бӕстӕ схӕццӕ, адӕм цъӕхахст кӕнын райдыдтой. Чи йӕ сывӕллонмӕ хъӕр кодта, чи йӕ ныййарӕг мады агуырдта. Сӕ тӕригъӕдӕй бӕстӕ скъуыдтӕ кодта. Туджы цӕссыгтӕ гӕр-гӕр кодтой сӕ уадултыл, фӕлӕ сӕ бон цы уыд. Кӕмӕ хъуамӕ хъӕр кодтаиккой? Чи сӕм ӕрбалыгъдаид ӕххуысмӕ? Сӕ алыварс уыдысты ӕрмӕстдӕр хъӕд ӕмӕ гуырдзиаг тугдзыхтӕ. Диссаг, тӕригъӕд куыд нӕ зыдтой, куыд нӕ фӕтӕригъӕд кодтой сывӕллӕттӕн. Уыдон та цы гӕнӕг уыдысты? Цы сын кодтой уыцы ӕнахъом сабитӕ сӕ сыгъдӕг удтӕй? Цӕмӕн сӕ цагътой? Кӕннод сын цы кодтам мах, ирӕттӕ? Цӕргӕ цӕрӕнбонты иумӕ куы фӕцардыстӕм ӕфсымӕртау, хотау …
Ууыл дзурдзæн ӕнусты дӕргъы Зары хъӕд. Уардзысты йыл къӕвдатӕ, фӕлӕ уыцы тæригъæдæн ныхсæн нӕй – ӕнусмӕ дзурдзӕнис гуырдзиаг фашистты худинагыл, сӕ чъизи, ӕнаккаг, ӕбуалгъ митыл. Ирон адӕм гуырдзиаг неофашисттӕн уый никуы ныббардзысты, никуы дӕр ӕй ферох кӕндзысты.
Цалынмӕ иунӕг ирон адӕймаг дӕр уа, цалынмӕ иунӕг иу ирон ныхас дӕр хъуыса, уӕдмӕ нӕ рох никуы уыдзысты, сӕ ном ӕнустӕм цырагъау судздзӕн.
Раныхасмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Автор Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты ирон æвзаджы фадыджы зонадон кусæг Тъехты Алена.
Ног хабӕртты лентӕ
0