Нарты кадджытæ. Сæуæссæ. Нарты Борæ. Буртæджы хæст. Æвдзæрæны хæст. Борæйы чындзæхсæв

Нарты Кадджытæ. Сæуæссæ. Нарты Борæ. Буртæджы хæст. Æвдзæрæны хæст. Борæйы чындзæхсæв
Рафыссын
Зынджыбардуаг Уазыкъуылдымыл арт ыскодта æмæ артæн йæ фæздæг арвмæ цыд. Дзуæрттæ йæм ысмæсты сты æмæ йыл Галæгонмæ бахъаст кодтой "Нал нæ уадзы цæрын йæ фæздæгæй, фæхæсс-ма йын йæ арт искуыдæм".
Галæгон ысдымдта æмæ арт тынгдæр ысцырын, хъæдыл сирвæзт, кæрдæг ыссыгъди, дуртæ сырх зынг фестадысты æмæ тъæнджытæ хаудтой.
Зынджы тæлмытæ сæм фæхæццæ сты дзуæрттæм æмæ хъаст байдыдтоой дзуæрттæ Хуыцаумæ: "Фервæзын нæ кæн Зынджыбардуагæй. Æмбиссыгъд фестæм, æмбиссæфт фæкодтам".
Хуыцау Зынджыбардуагæн зæгъы:
- Æгъгъæд сæ фæцагътай дзуæртты. Мауал сæ саф.
- Нæ сæ ныууадздзынæн, Хуыцау. Фæлтау, мæ цæхæрыл физонджытæ чи кæна æмæ дæуæн дæр чи кува, ахæм лæг сывзæрын кæн дунейыл, æмæ сæ ныууадзон.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0