Хуссар Иры милицийы кусджытæ хуыздæр кæнынц сæ дæсныйад автоматтæ æмæ пистолеттæй æхсынæй

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Ирыстоны милицийы кусджытæ хуыздæр кæнынц сæ дæсныйад автоматтæ æмæ пистолеттæй æхсынæй
Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытæ хуыздæр кæнынц сæ дæсныйад автоматтæ æмæ пистолеттæй æхсынæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны МХМ централон аппараты кусджытæ ауагътой ахуырадон-фæлтæрæн æхстытæ, бакуыстой сæ дæсныйадыл алыхуызон дистациты æмæ хæцæнгæрзтыл, фехъусын кодта къуырисæры уагдонады пресс-служба.
Милиционертæ ауагътой æхстытæ Калашниковы автоматтæй лæугæйæ, уæрагæй æмæ хуысгæйæ 100 метр дæрддзæфæй. Ярыгины пистолетæй бакуыстой фæлтæрæнтæ 10-25 метры дæрддзæфæй.
Æхстытæ ацыдысты 2023 азмæ уагдонады сæрмагонд арæзты службæйон-хæстон æмæ моралон-психологон цæттæдзинады организацийы нывæстмæ гæсгæ. МХМ бафтыдтой, хæцæнгарзæй æхсыны дæсныйадыл кусдзысты уагдонады æндæр фадгуытæ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0