Поэт Плиты Сергойы уынаффæ: уацмыс фыццаг хъуамæ фæцæуа фыссæгæн йæхи зæрдæмæ

Поэт Плиты Сергойы уынаффæ: уацмыс фыццаг хъуамæ фæцæуа дæхи зæрдæмæ
Рафыссын
Цард цæуы, дуг ивы æмæ рæзгæ фæлтæрæн дæр æндæр уацмыстæ хъæуы. Цавæр уацмыстæ хъæуы, æмæ æмткæй ирон æвзаг æмæ литературæйы актуалон фарстатыл Sputnik Хуссар Ирыстонæн радзырдта æхсæнадон архайæг æмæ поэт Плиты Серго.
"Мæнмæ цæттæ хъуыды нæй. Музæ мæм куы бадзуры бæлвырд цаутæ, кæнæ бæлвынд кокретон проблемæты фæдыл, уæд райгуырынц мæ уацмыстæ", - загъта поэт.
Куыд бахахх кодта ныхасæмбал, афтæмæй нæ паддзахады мыхуыры уагдæттыл азылд, фæлæ йын разыйы дзуапп нæ радтой, уымæ гæсгæ банхъардта йæ уацмыстæ Цæгат Ирыстоны мыхуыры уагдæттæм æмæ уæд йæ чингуытæ рухс федтой.
"Поэт иумæйаг ном у æмæ мæ зæрдыл æрбалæуынц Бестауты Гиуæрги, Дзугаты Гиуæрги, Джусойты Нафи, Джыккайты Шамиль, Хаджеты Таймураз æмæ афтæ дарддæр. Æмæ мæхи уыдоны æмрæнхъ авæрон æрмæст номæй дæр, уый дæр æфсæрмы кæнын. Фæлæ поэты цард чи ᾿мбары уый дис дæр фæкæны, гæнæн ис æмæ поэты психологон æагъдауæй куы халай, уæд æй æрра дæр фенхъæла", - банысан кодта поэт.
Дарддæр поэты царды тыххæй хъусут Sputnik Хусар Ирыстоны аудиоæрмæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0