Цы сцалцæг кæндзысты Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы 2023 азы

© Sputnik / Natalia AiriyanЦы сцалцæг кæндзысты Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы 2023 азы
Цы сцалцæг кæндзысты Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы 2023 азы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы ахуырадон агъуыстыты хыгъд цалцæггæнинаг сты 2023 азы, фехъусын кодта Sputnik райадминистрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуырдзауты чысыл нымæц кæм ис, уыцы скъолаты дæр арæзт æрцæудзысты æнæмæнгхъæуæг уавæртæ. Хыгъдты сты Дменисы скъола, Къостайы хъæуы, Сатихъар, Тъбеты, Бихъары æмæ Громы скъолатæ.
"Фарон ранæуæггонд æрцыд Дменисы астæуукаг скъолайы хъармгæнæн системæ, ацы аз цалцæг æрцæудзæн æртыккаг уæладзыг. Афтæ ма хъæуы бабæстон кæнын футболон фæзуат", - банысан кодта Бæзаты Инал.
Уый размæ районы администрацийы сæргълæууæг радзырдта Присы хъæуы кæй сцалцæг кæндзысты 800 метры фæндаг. Уый фæстæ ахиздзысты Донбыл (Дампалет), Дменис, Джер, Сарабучы хъæуты фæндæгтæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0