Дзæуджыхъæуы дыууæ районы фæкъаддæр кæндзысты донифтонгад

© Sputnik / Антон ПодгайкоДзæуджыхъæуы дыууæ районы фæкъаддæр кæндзысты донифтонгад
Дзæуджыхъæуы дыууæ районы фæкъаддæр кæндзысты донифтонгад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Донуадзæныл цалцæггæнæн куыстыты фæстиуæгæн Дзæуджыхъæуы уынгты рад баззайдзæн æнæ донифтонгадæй. Уый тыххæй бафæдзæхстой горæты администрацийы пресс-службæйы.
"Пушкинская уынгыл Шмулевичы уынгæй, Промзонæйы онг 24 майы райсомы фараст сахатæй сихоры æртæ сахатмæ цæудзысты донуадзæны цалцæггæнæн куыстытæ, уымæ гæсгæ гæнæн ис æмæ донифтонгадимæ фæзына къуыхцытæ Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг æмæ Амалиуæгадон районты, - дзырдæуы хъусинаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0