Профессор Битарти Зоя ирон æвзаджы тыххæй: райдайæм бинонтæ æмæ ахуырадон уагдæттæй

Профессор Битати Зоя æвзаг бахъхъахъхъæныны тыххæй: райдайын хъæуы бинонтæ æмæ ахуырадон уагдæттæй
Рафыссын
Майы мæйы 15-æм боны ирон æвзаджы бæрæгбон расидыныл сæххæст дыууын аз. Уый у юбилеон аз. Уый тыххæй йæ хъуыдытæ Sputnik Хуссар Ирыстонæн раргом кодта филологон зонæдты кандидат, профессор Битарти Зоя.
"Ацы боны арфæ кæнын сабидæтты хъомылгæнджытæн, ахуырады уагдæтты ахуыргæнджытæн, уæлдæр ахуырады доценттæ æмæ профессортæн, зонадон кусджытæн, студенттæн æмæ техперсоналæн, фысджытæ æмæ журналисттæн, актертæ æмæ æппæт ирон адæмæн. Мæ арфæимæ уæ курæг дæн, цæмæй уын уа æмбаргæ ахаст Къоста, Уассо, Нафи, Шамил, Секъа, Арсен, Елбыздыхъо, Тыбылты Алыксандры æмæ æппæт ирвæдæны гоймæгты фæллоймæ. Бахъхъахъæнæм дунейы ахсджиагдæр хæзна Нарты кадджыты æвзаг", -раарфæ кодта профессор.
Битарти Зояйы хъуыдымæ гæсгæ, ирон æвзаг лæмæгъ кæнын райдыдта йе скондæй нæ, фæлæ дзы куыд пайда кæнынц, уымæй. Цæмæй æвзаг хъахъхъæдгонд æрцæуа, уый тыххæй уал райдайын хъæуы бинонты ᾿рдыгæй æмæ ахуырадон уагдæтты ᾿рдыгæй.
Нырма аразинаг цы у æмæ нырид къухы цы бафтыд профессор Битарти Зояйы хъуыдымæ гæсгæ, уый тыххæй хъусут дарддæр Sputnik Хуссар Ирыстоны аудиоæрмæджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0