Зынгӕ уӕрӕсейаг актер Цхинвалы презентаци скодта киноныв "Нюрнберг"-ӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanЗынгӕ уӕрӕсейаг актер Цхинвалы презентаци скодта киноныв "Нюрнберг"-ӕн
Зынгӕ уӕрӕсейаг актер Цхинвалы презентаци скодта киноныв Нюрнберг-ӕн  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацыд режиссёр Николай Лебедевы нывӕфтыд киноныв "Нюрнберг"-ы презентаци. Равдысты размӕ кӕсӕджы раз раныхас кодта кинонывы архайæг уӕрӕсейаг актёр Игорь Петренко.
Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстонмӕ ныр кӕй ӕрцыд дыккаг хатт, фыццаг хатт ӕрхаста ӕндӕр киноныв – "Решение о ликвидации", цы ран уый сӕххӕст кодта сӕйраг фӕлгонцы роль, стӕй ма дзы архайдта Хуссар Ирыстоны Адӕмон артист Пӕррӕстаты Дмитрий дӕр.
Уӕрӕсейӕг актёр банысан кодта Хуссар Ирыстонмӕ уый æрмæст йе сфӕлдыстадон куысты тыххӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ ма йын ис æввахс хӕстӕджытæ.
"Мӕ хо ирон лӕджы бинойнаг у, уый у Хуссар Ирыстонӕй. Чысыл зонгӕ дӕн рӕсугъд ирон ӕгъдӕуттимӕ дӕр. Ардӕм ӕрцӕуынмӕ куы хъавыдтӕн, уӕд æй зыдтон, хъармæй ӕмӕ хорзæй мыл сӕмбӕлдзысты, ӕмӕ мӕ мӕ зæрдæ нӕ фӕсайдта",- загъта актёр.
Уый ма бафтыдта, ацы киноныв сӕйраг хъуамӕ феной фӕсивӕд, хистӕр кары адӕм ӕнӕуый дӕр хорз зонынц СФХ истори.
Равдыст ацыд паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы. Мадзалмӕ бацыдысты хицауады сӕдар Джуссойты Константин, Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов, хицауады уӕнгтӕ. Залы ӕрӕмбырд ис бирӕ фӕсивӕд.
Равдыст организацигонд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад ӕмӕ Россотрудничествойы минӕварады хъӕппӕрисӕй.
Уӕрӕсейӕг нывӕфтыд киноныв "Нюрнберг" ист ӕрцыд Александр Звягинцевы чиныг "На веки вечные"-мӕ гӕсгӕ.
Киноныв таурӕгъ кӕны дыууӕ адӕймаджы цардвӕнданыл: разысгарӕг Игорь Волгин ӕмӕ чызг Ленайы хъысмӕтыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0