Хуссар Ирыстоны мад йæ дыууæ сывæллонимæ сыгъдхъæстæ фесты

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Ирыстоны мад йæ дыууæ сывæллонимæ сыгъдхъæстæ фесты
Хуссар Ирыстоны мад йæ дыууæ сывæллонимæ сыгъдхъæстæ фесты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы цыппар адæймаджы сыгъдхъæстæ фесты. Зианбаййафджыты фæхæццæ кодтой РБМЦ, сæ æнæниздзинадæн тæссаг ницæмæйуал у. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы УУМ пресс-службæ.
"Газ рахъарыд Консервныйы уынджы 10-æм хæдзары. Зианбаййафджытæ – 36-аздзыд мад йе ᾿ртæ сывæлонимæ: дыууæ, авд æмæ иуæндæс азы кары, баластой сæ РБМЦ," – дзырдæуы хъусинаджы.
Куыд бафтыдтой УУМ, цауы бынаты кусынц Горгаз æмæ амалиуæгад "Спасатель"-ы кусджытæ. Газ рахъарыны ахоссæгтæ бæрæггонд цæуынц.
Ног хабӕртты лентӕ
0