Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæ хæрзбон зæгъынц скъолайæн

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны рауагъдонтæ хæрзбон зæгъынц скъолайæн
Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæ хæрзбон зæгъынц скъолайæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 май – Sputnik. Хуссар Ирыстоны æппæт скъолаты æртыццæджы айзæлдзæн фæстаг дзæнгæрæг фондз сæдæйæ фылдæр рауагъдонтæн. Цытджын ралæудтæ ахуырадон уагдæтты ацыдысты райсомæй. Традицимæ гæсгæ, скъолатæм æрбауазæг сты республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ æмæ парламенты депутаттæ. Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан нывæстмæ гæсгæ бабæрæг кодта скъола №9.
Скъолайæн абон хæрзбон зæгъынц 506 рауагъдоны. Сæ рауагъдон фæлварæнтæ нырма сты разæй, уый фæстæ сæ афæндараст кæндзысты ног цардмæ.
24 майы, Фæстаг дзæнгæрæджы боны, Театралон фæзуатыл ацæудзæн Цхинвалы администрацийæ организацигонд бæрæгбонон концерт. Рауагъдонты раз ралæудзысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны стъалытæ диджейы хайадистæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0